Махачкалайы срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн фӕмардуӕвджыты нымӕц схызт 30 адӕймаджы онг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 авг - Sputnik. Махачкалайы ӕртаджы станцыл срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн фӕмардуӕджыты нымӕц схызт 30 адӕймаджы онг, ссардӕуыд ноджы ӕртӕ мӕрдон буары, хъусын кӕны РИА Новости Уӕрӕсейы уӕлвӕткон уавӕрты министрадыл (УУМ) ӕнцойгӕнгӕйӕ.
"Аварион-ирвӕзынгӕнӕн куыстыты рӕстӕджы ссардӕуыд ноджы ӕртӕ мӕрдон буары. Махачкалайы ӕртаджы станцыл срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн ныртӕккӕ ис 105 зианбаййафӕджы, уыдонӕй 30 амардысты", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Махачкалайы 14 августы изӕры ссыгъд автосервис, уый фӕстиуӕгӕн арт аххӕссыд ӕртаджы станцмӕ, цы ран ӕрцыд срӕмыгъд. Уӕрӕсейы УУМ фехъусын кодта, зынгсирвӕзты фӕзуат кӕй уыд 500 квадратон метры.
Дагестаны 15 август расидтысты Фыдохы бон.