Нарты кадджытæ. Нарты Хæмыц æмæ Хæфсæгты Хæфсæг. Уырызмæг æмæ Сырдон

Sputnik
Хæмыц æмæ Уырызмæг Донбеттырты хæрæфырттæ уыдысты. Рагæй ницыуал хъуысти сæ мадырвадæлтæй. Уæд иубон Уырызмæг афтæ зæгъы Хæмыцæн:
- Нæ мадырвадæлтæй рагæй ницыуал хабар ис, æмæ сæм куы фæцæуис, куы сæ бабæрæг кæнис.
Хæмыцæн йæхи дæр фæндыди. Араст и Хæмыц Донбеттыртæм, бахæццæ, кæсы æмæ доныбыл сæ фæллад уадзынц цалдæр галгæфы. Хæмыц дзы дыууæйы баифтыгъта æмæ уайтагъд бамидæг и йæ мадырвадæлтæм. Йæ мадымады сæ къонайыл кæугæйæ баййæфта æмæ йæ фæрсы Хæмыц.
- Цы кæныс, мæ зæронд мад, цæуыл афтæ сагъæс кæныс?
Зæронд ус æм ракасти, базыдта йæ хæрæфырты, йæ чызджы лæппуйы æмæ зæгъы:
- Куыннæ кæуон, мæ хъæбул, дæ мадыфсымæртæ авдæй дæр ахст сты Хæфсæгты Хæфсæгмæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.