ЦХИНВАЛ, 16 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министр, милицийы инæлар-майор Гуыцмæзты Алан оперативон æмбырды снысан кодта уагдоны къухдариуæгадæн приоритетон здæхтытæ, хъусын МХМ пресс-службæ.
"МХМ сæргълæууæг радта хæслæвæрдтæ горæты æмæ районы мидхъуыддæгты фæткдаруæтты къухдариуæггæнджытæн республикæйы фæндæгтыл профилактикон мадзæлтты рæстæджы сгарын хæдтулгæты, сæ рухсгæнæн æмæ фæндагон змæлды æдасдзинадæн ахсджиаг æндæр ифтонгады техникон уавæр", - банысан кодтой уагдоны.
ПАИ сæргълæууæгæн министр радта рекомендаци цæст аздахын, гас чи нæуал у, ахæм хицæуттыл регистрацигонд хæдтулгæтæм.
Афтæ ма Гуыцмæзты Алан радта бардзырд милицийы кусджытæн адарддæр кæнын найыны сезоны кæронмæ æрвылбонон мадзæлттæ улæфыны бынæтты, хъæд æмæ парчы зонæты, цæугæдæттæ æмæ донуæтты, æмбарын кæнын цæрджытæн æхсæнадон фæткдарды æууæлтæ.