Нартæн искæйонæй-фыййауæй куыста Уастырджийы хæрæфырт. Уастырджийы хæрæфырты æмгъуыд æрцыди æмæ зæгъы Нартæн:
- Кæд мын исты дæдтут, уæд мын æй рахицæн кæнут æмæ цæуон.
Нарты нæ фæндыди ахæм фыййауæй фæхицæн æмæ зæгъынц:
- Иу афæдз ма нæм бакус.
- Нал у мæ бон.
Уæд Уырызмæг загъта фыййауæн:
- Нырма лæппу дæ æмæ афæдз бирæ нæу. Æххæст ма нæм иу афæдз бакус мæ хатырæй.
Фыййау æнæбары сразы, тынг ысмæсты, фæлæ та фосы фæдыл ацыди.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.