Зынгфæдисонтæ сликвидаци кодтой зынгсивæрзт Цхинвалы горæтгæрон

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 авг - Sputnik. Зынгфæдисонтæ ахуыссын кодтой хус кæрдæджы ссыгъд Цхинвалы скæсæнварс, фехъусын кодтой æртыццæджы Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Горæтæй рацæуæны "ТЭК"-ы районы зынгсивæрзты тыххæй хъусинаг УУМ фæткдарыны центр райстой райсомы 10:00 сахатмæ æввахс.

"Бынатмæ æвæстиатæй рацыдис иу зынгфæдисон хæдтулгæ. Зынгсивæрзт ликвидацигонд æрцыд цыбыр рæстæгмæ", - банысан кодтой министрады.

Фæстаг дыууæ къуырийы Хуссар Ирыстоны ис экстремалон бæрзонд тæвд, термометры бæрæггæнæнтæ нæ хизынц +32-35 градусæй дæлæмæ. Тæвды тыххæй зынгсивæрзтæй тæссаг у, уымæ гæсгæ республикæйы УУМ фæдзæхсынц цæрджыты, цæмæй зынгсивæрзты æдасдзинады мадзæлттæ æххæст кæной.