Нарты кадджытæ. Сослан чысылæй куыд фесгуыхт. Сосланы бирæгъы æхсыры куыд байсæрыдтой

Sputnik
Уæд иуахæмы Сослан дзуры Сатанамæ:
- Мæнæн кæй хæрын кæнут, уый иу куыдзæн хæрын кæнут, æмæ уын уый уæ къæсæр уæддæр хъахъхъæндзæн.
Нæ бамбæрста Сатана Сосланы ныхас. Цас рацыдаид, чи зоны, фæлæ та йын ноджы дыккаг хатт зæгъы Сослан:
- Мæнæн кæй дæдтут, уый иу куыдзæн дæдтут, æмæ уын уæ къæсæр хъахъхъæна!
- Цæмæн афтæ зæгъыс? – фæрсы йæ Сатана.
- Æз адæймагæн не сбæздзынæн, - загъта Сослан – Куырдалæгонæн мæ бирæгъы æхсыры куы нæ байсæрын кæнат, уæд.
Фервыста Сатан Куырдалæгонмæ. Нарт æмхæрд, æмнуæзт уыдысты дауджытимæ æмæ æрцыди Куырдалæгон Сатанайы хуындмæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.