Хуссар Иры ацæудзæн абхазаг æмæ хуссарирыстойнаг ансамблты концерт

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты ацæудзæн концерт æмбаладон паддзахадты ансамблты хайадистæй, хъусын кæны республикæйы культурæйы уагдон.

"Паддзахадон ансамблтæ "Симд" æмæ "Кавказ"-ы артисттæ ралæудзысты Хетæгкаты Къостайы номыл драмон театры 24 августы 18:00 сахатыл", - банысан кодтой министрады.

Концерт ацæудзæн Уæрæсейæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 15-азон юбилейы цытæн.
2008 азы 26 августы Уæрæсейы Федераци æхсæнадæмон-барадон æгъдауæй банымадта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад.