Æртæ ФТЦ æмæ иу фыдракæнд: Хуссар Иры МХМ къуырийы криминогенон уавæры тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ алыхуызон æхсæнадон фæткхæлдты тыххæй "æрдомдтой дзуапп иу æнахъомæй", хъусын кæны къуырисæры республикæйы МХМ пресс-службæ.
Уымæй дарддæр уагдоны банысан кодтой, ацæугæ къуырийы Хуссар Ирыстоны фæндæгтыл регистрацигонд æрцыд æртæ фæндагон-транспортон цауы, кæцыты зиан баййæфтой æртæ адæймаджы.
Афтæ ма ПАИ кусджытæ рабæрæг кодтой фæндагон змæлды 350 фæткхалды, 10 скъæрæджы уыдысты нозтджын, сæ ныхмæ сарæзтой административон протоколтæ.