Хуссар Иры банымады боны цытӕн ацӕудзӕн згъорд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы республикӕйы хӕдбардзинад Уӕрӕсейы рдыгӕй банымады 15 азы цытӕн ацӕудзӕн згъорд, фехъусын кодта Sputnik-ӕн фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты пресс-службӕйы кусӕг Джуссойты Диана.
Мадзалы архайджытӕ хъуамӕ алидзой дистанци Цхинвалы театралон фӕзуатӕй Итраписы онг ӕмӕ фӕстӕмӕ. Згъорд нысан у 24 августмӕ. Хайад райсын алкӕмӕндӕр у йӕ бон.
"Уыдзӕн ӕхцайы премитӕ президентӕй. Призон фонд у дих дыууӕ хайыл, чызджытӕ ӕмӕ лӕппуты хсӕн. Фыццаг бынаты хицӕуттӕ райсдзысты 50 мин сомы, дыккаг бынат 30 мин сомы ӕмӕ ӕртыггаг бынат та 20 минтӕ", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, згъорды маршрутмӕ сӕ хъус дардзысты тагъд ӕххуысы службӕ.