Цӕгат Иры ӕввахс ӕртӕ боны уардзӕн тӕрккъӕвдатӕ ихимӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 авг – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ӕввахс ӕртӕ суткӕйы уыдзӕн тыхджын къӕвдатӕ дымгӕ ӕмӕ ихимӕ, хъусын кӕны РЦИ-Аланийы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
"Республикӕйы территорийыл 21-23 августы уыдзысты тӕрккъӕвдатӕ их ӕмӕ тыхдымгӕимӕ 20-25 м/с", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны информацимӕ гӕсгӕ, республикӕйы цӕугӕдӕтты гӕнӕн ис схиза доны ӕмвӕзад, хӕхты та ӕрцӕуой чысыл цъыфы зӕйтӕ.