Владимир Путин: Уæрæсейы историон тырысатæ æмæ символтæн хъæуы кад кæнын

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 авг - Sputnik. Уæрæсейы алы историон тырысатæ æмæ символтæн хъæуы кад кæнын, фехъусын кодта Владимир Путин Уæрæсейы Паддзахадон тырысайы боны цытæн арфæйы ныхасы.
Уæрæсейы æрвылаз 22 августы нысан кæнынц Паддзахадон тырысайы бон.
"Уæрæсейы алы историон тырысатæ æмæ символтæн хъуамæ кад кæной æмбæстæгтæ, æхсæнадон тыхтæ, къухдариуæгады минæвæрттæ, уымæн æмæ уыцы символтæ æвдисынц нæ наци æмæ паддзахаддзинады райрæзт", - загъта президент.
Путин фидарæй загъта, паддзахадон тырысаимæ алыхатт дæр кæй цæудзысты уæлахизмæ, фылдæр кæндзысты Уæрæсейы кад.
Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон тырысайы бон снысан кодтой президенты барамындæй 1994 азы 20 августы.