Цхинвалы цалцæг кæнынц дзыхъхъытæ фæндæгтыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 авг – Sputnik. Столицæйы администраци бавнæлдта дзыхъхъытæ цалцæг кæнынмæ Цхинвалы уынгтыл, хъусын кæны хуссарирыстойнаг столицæйы администрацийы пресс-службæ.
Дзыхъхъытæ цалцæг кæндзысты уынгтыл: 8 июны, Ирæтты, Хъоцыты Константины, Хуыбылты Валерийы, Харебаты Исахъы, Пушкины, Хъайтарты, Комсомолон, Остъаты æфсымæрты, Герцены, Плиты Харитоны, Октябры æмæ Тæболты Сергейы.
Мэрияйы банысан кодтой, 8 июны æмæ Медведевы уынджы алвæндагыл (Мæскуыйаг микрорайонмæ бацæуæн) ныридæгæн кæй систой зæронд асфальт, сраст кодтой йæ бындур æмæ сæвæрдтой ног асфальт 280 квадратон метрыл.
Афтæ ма администрацийы кусджытæ сраст кодтой фæндæгтыл дон æмæ канализацийы инженерон цъайтæ 8 Июны, Сталины, Путины æмæ Харебаты Исахъы уынгтыл.
Фæндаджы дефекттæ аиуварс кæнын фæдыл куыстытæ нывæндынц балхынцъ кæнын къуырийы дæргъы.