Горæт Цхинвалы транспорты змæлдыл рæстæгмæ сæвæрдзысты арæнæвæрд майрæмбон æмæ сабаты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 авг - Sputnik. Уæрæсейы рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны фæдыл 15-азон бæрæгбонон мадзæлтты уадзыны рæстæджы, столицæйы уынгтыл автотранспорты змæлдыл сæвæрдзысты рæстæгмæ арæнвæрд 25 æмæ 26 августы, хъусын кæны МХМ пресс-службæ.
25 августы боны æртæ сахатæй, сæрмагонд барамынды онг, уыдзæн æхгæд Театралон фæзуат уынгтæ Сталины – Пушкины – Тугъанты Махарбег – Тæболтыйы алвæндæгтыл, цалынмæ фоторавдысттæ "Цхинвал: 2008 азы агъоммæ æмæ фæстæ" æмæ "Банымайыны æмбæйттæ" уагъд цæуой, уæдмæ.
26 августы райсомы аст сахатæй, сæрмагонд барамындмæ, милицийы кусджытæ сæхгæндзысты Театралон фæзуат Сталины–Пушкины–Хетæгкаты Къостайы–Тугъанты Махарбег– Тæболты уынгты алвæндæгтæ.
МХМ банысан кодтой, Ногдзауты парчы бахизæны кæй уызæн арæзт контролон-уадзæн пункт æрмон металлодетекторимæ тобæгонд предметтæ рабæрæг кæныны тыххæй.
Хуссар Иры Хæдбардзинад банымайыны бæрæгбоны рæстæджы МХМ фæтынгдæр кæндзæн йæ куыст