Нарты кадджытӕ. Хӕмыц ӕмӕ Быценон

Sputnik
Нарты Хӕмыц цуаны уыдис ӕмӕ ницӕуыл сымбӕлди. Ӕмӕ хъуыдытыл фӕци йӕхинымӕр: уӕдӕ ныр афтидармӕй куыд аздӕхон фӕстӕмӕ, цы зӕгъдзысты Нарт?
Ӕмӕ афтӕмӕй ӕрфынӕй и иуран. Тарф фынӕй баци.
Ӕртӕ зӕды ӕрбатахтысты, бӕласыл абадтысты ӕмӕ ныхас кӕнынц. Сӕ иу зӕгъы:
- Дурӕгомы иу чызг цӕры, уыц ахӕм рӕсугъд у, ӕмӕ йӕм хур бакӕса – ӕмӕ хур ӕфсӕрмы кӕны, мӕй йӕм бакӕса – ӕмӕ мӕй къӕмдзӕстыг кӕны. Уый кӕй къухты бафта, уымӕн цард уӕлдон, уӕлвынг уыдзӕни.
Дыккаг зӕд зӕгъы:
- Уыцы чызгӕн ахӕм хъахъхъӕнджытӕ ис, ӕмӕ йӕ смудынӕй дӕр базонынц фондзыссӕдз бонцау ӕддӕдӕрмӕ, исчи йӕм куы цӕуа, уӕд. Уадзгӕ та бынтон никӕй ӕрбакӕндзысты.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.