Уæрæсейы ахуыргæнæндæтты хуссарирыстойнаг курсанттæ бахордтой ард

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 авг - Sputnik. Уæрæсейы æфсæддон уæлдæр ахуыргæнæндæтты хуссарирыстойнаг курсанттæ ацыдысты ард хæрыны цытджын церемони майрæмбоны Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады, хъусын кæны уагдонады пресс-службæ.
Хъахъхъæнынады министр Марат Павлов раарфæ кодта курсанттæн, афтæ ма банысан кодта цытджын ритуалы размæ ма кæй радтой комплексон экзаментæ, профессионалон равзæрст, быдырон уавæрты фыццагон цæттæдзинад – лæппутæ æмæ чызджытæ фидарæй ацыдысты фæлварæнтæ, равдыстой нысанмæздæхтдзинад æмæ тырнынад.

"Ацы аз мах арвитдзыстæм не ᾿мбæстæгты ахуырмæ Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæттæм раззагондæр дæсныйæдты фæдыл. Не ᾿фсад хъуамæ дæтта дзуапп нырыккон домæнтæн", - бахахх кодта министр.

Павлов равдыста фидар уырнындзинад, профессионалон ахуырад куы райсой, уæд фæсивæд æрыздæхдзæн Хуссар Ирыстонмæ службæ кæнын йæ Гарзджын тыхтæ æмæ адæмæн.