Нарты кадджытӕ. Сосланы кӕнгӕ мад ӕмӕ фыд

Sputnik
Нартӕй авд бонцау ӕддӕдӕр цардысты дыууӕ зӕронды – лӕг мӕ ус. Сӕ иу Сӕрхъыз хуыди, иннӕ та Заухан хуынди. Сӕ ис, сӕ бонӕн ныккӕнӕн нӕ уыди, фӕлӕ сын зӕнӕг нӕ цыд ӕмӕ тыхстысты, уæдæ цы кодтаиккой.
Нартæ зыдтой Сæрхъыз æмæ Зауханы æртæ лæгæй: Уырызмæг, Хæмыц æмæ Бурæфæрныг. Тыхæй сын тых ничи кодта дыууæ зæрондæн, хылæй сæ ничи саста.
Уæд иуахæмы Нартыл фыдаз ыскодта, ахæм фыдаз, æмæ сын бахæринаг нал уыд. Æрæмбырд ысты сæ ныхасы æмæ загътой: "Нæ фæцагъд хуыздæр у ацы цардæй. Кæнæ бынтон фесæфæм, кæнæ фос фæкæнæм".
Бурæфæрныг зæгъы:
- Æвзæр нæ уаид Сæрхъыз æмæ Зауханы фосæй æртæрын. Уыдонмæ цы фос ис, уый æртæ Нартмæ дæр нæй. Фæлæ сæм иунæгæй цæуынц зын у. Сæ фос ратæрын та – уымæй зындæр.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.