ЦХИНВАЛ, 28 авг – Sputnik. Хуссар Иры фæндæгтыл ивгъуыд къуыри æрцыд фондз фæндагон-транспортон цауы (ФТЦ) – авариты бахъыгдард сты дыууæ адæймаджы, хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Афтæ ма иу къуыримæ паддзахадон автоинспектортæ сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 361 фæткхалды. Дæс шофыры фæдыл сарæзтой административон протоколтæ автотранспорт нозтджынæй скъæрыны тыхххæй.
Уымæй дарддæр министрады банысан кодтой, ивгъуыд къуыри республикæйы кæй не срегистраци кодтой фыдракæндтæ. Алыхуызон æхсæнадон фæткхæлдты тыххæй Цхинвалы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ бæрнмæ æрбаздахтой аст адæймаджы.