Уæрæсейаг æфсæдтæ иттæг дырыс ракетæтæй фехстой УГТ æфтауц авиацион хæцæнгарзимæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 авг – Sputnik. Уæрæсейаг наутæ иттæг ракетæтæй фехстой Украинæйы Гарзджын тыхты (УГТ) æфтауц авиацион хæцæнгарзимæ, фехъусын кодта къуырисæры УФ Хъахъхъæнынады министрад.
"Дысон æхсæв Æфсæддон-денджызон флот иттæг дырыс ракетæтæй фехста Украинæйы Гарзджын тыхты æфтауц авиацион хæцæнграз æмæ хæстæрмæджытимæ", - загътой уагдоны.
Министрады бафтыдтой, цæфтæ кæй скуынæг кодтой æппæт нысæнтты.