ЦХИНВАЛ, 28 авг – Sputnik. Женеваг дискусситæ иттæг ахсджиаг сты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейæн, уыдон фадат дæттынц республикæтæн хæццæ кæнын сæ позицитæ куыд Гуырдзыстонмæ, афтæ æхсæнадæмон æхсæнадмæ дæр. Уый тыххæй эксклюзивон интервьюйы Sputnik-æн фехъусын кодта æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл Федерацийы Советы комитеты сæргълæууæг Григорий Карасин.
"Тынг хорз, Женеваг дискусситæ дарддæр кæй цæуынц. Нæ хъæуы æнхъæлмæ кæсын фарсты тагъд скъуыддзагмæ, фæлæ хъæуы æмбарын, ацы дискусситæ кæй сты стабилондзинады бындур хуссар Кавказы регионы. Инцеденттæ ма руадзыны механизмтæ кусынц, фæлæ алы хатт дырысæй нæйы. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Женеваг дискусситы формат хъуамæ адарддæр кæна йæ куыст", - бахахх кодта комитеты разамонæг.
Фæскавказы фæдыл женеваг дискусситæ уагъд цæуынц 2008 азæй фæстæмæ. Абоны бон уый у иунæг диалогон формат Абхаз, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæн. Уымæй дарддæр ма сæ хайад исынц Уæрæсе, АИШ, афтæ ма ИНО, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ.