ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Цæгат Ирыстоны премьер-министр Дзанайты Борис дыццæджы бабæрæг кодта Алагир кусæгон балцы. Фыццаг бынат, кæдæм æрцыд хицауады сæрдар, уыд æнæзаконон бырондон горæты цæгатварс – ныр ам уагъд цæуынц куыстытæ рекультивацийы фæдыл.
Дзанайты Борисæн радзырдтой, ныртæккæ кæй балхынцъ кодтой куыстыты 50 проценты – æдæппæт хъæуы бакусын дыууæ гектарыл.
"Фыццаджыдæр, дзырд цæуы республикæйы экологон æдасдзинадыл. Процессмæ йæ цæст дары Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг. Республикæйы территорийыл ныр ис цыппар рекультивацийы: Æрыдон, Алагир, Дыгур æмæ Беслæны. Æппæт мадзæлттæ хъуамæ сæххæст кæной нысангонд æмгъуыдмæ", - бахахх кодта премьер.
Рекультиваци нывæндынц балхынцъ кæнын ноябры кæрæттæм. Уый фæстæ сæххæст кæндзысты территорийы хæрзарæзтад æмæ зæлдфæлындæн.