"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 7 сæр

Sputnik
Тома куы æрцыд, уæд Сандо хъуыды кодта: "Уадз æмæ лæппу дунейы реолуци аразæд, уæддæр хæдзары уыдзæн æмæ змæлдзæн, истытæ араздзæн". Фæлæ хъуыддаг афтæ нæ цæуы. Тома стæмхатт æрцæуы хæдзармæ. Куы фæзыны, уæддæр фæсæхсæвæр, науæд та æмбисæхсæв. Сандо æмæ Гогон нал мæт кæнынц, Тома сын исты араздзæи æви, нæ, ууыл. Иæхицæн ын райдыдтой тæрсын. Æмæ уымæн уыди бæлвырд аххосаг.
Æмбисæхсæвæй ахызт, афтæ Тома æмæ йæ къордæй иу-ссæдз лæппуйы æрлæууыдысты æлдар Херхеулидзейы кæрты раз. Лæппуты фæндыди æлдары кæрты æвиппайды смидæг уæвын. Фæлæ сæ Тома нæ бауагъта. Хæдзары алыварс сæ хæстон цæттæйæ æрлæууын кодта. Йæхæдæг æртæ салдатимæ бруйы сæрты сабыргай бахызт.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлцæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.