"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 8 сæр

Sputnik
Сандойы хæдзары басыгъд дæлвæз хъæутыл дæр айхъуыст. Канд Томайы къорды чи уыд, уыдон нæ, фæлæ Саргъауы хъæуы цæрджытæ се ’ппæт дæр, стæй сыхаг хъæутæ дæр дзырдтой, æлдарæй нæ маст райсæм, зæгътæ. Тома æмæ æлдары митæ кæрæдзийыл куы абарстой, уæд сæм Тома бирæ уæздандæр æмæ æгъдауджындæр фæзынд. Томайæн йæ бон уыди æмæ уыцы ᾿хсæв æлдары йæ уаты амардтаид. Фæлæ уый афтæ нæ бакодта.
Уый рахаста æрмæст хотыхтæ. Æмæ хотых циу! Æлдар та схæцыди æмæ Сандойы хæдзар басыгъта, Тома æмæ йын Батыры та марынмæ акодта.
Адæм æлдæртты къухы рагæй сты. Фæлæ сын нырæй æнæуынондæр никуы уыдысты. Алкæйдæр сæ фæндыд йæ зæронд мæстытæ райсын, зæрдæйы дзаг сæрибарæй сулæфын. Уымæ гæсгæ, хотых хæссынхъом чи уыд, уый йæ агуырдта: чи йæ зынаргъæй æлхæдта, чи та йæ тыхæй иста. Уый тыххæй уыди иу æхсæв Томайы ныббырст дæр.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлцæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.