ЦХИНВАЛ, 29 авг – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Национ банк æрфидар кодта æрцæугæ ахуыры азы ХИПУ уырыссаг æмæ ирон филологийы здæхты хуыздæр студенттæн стипенди. Уый тыххæй журнал "Русское слово в Южной Осетии"-йы сæрмагонд рауагъды презентацийы рæстæджы разырдта Нацбанчы сæргълæууæг Джиоты Жанна.
Банысангонд факультеттæй дыууæ студенты исдзысты стипенди фондз мин сомы бæрц.
Уымæй дарддæр ма Джиоты Жанна радта ХИПУ музеймæ Уæрæсейы ᾿рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны цытæн номарæн згъæрæхца, афтæ ма каталог "Республикæ Хуссар Ирыстоны номарæн згъæрæхцатæ", уыцы чиныджы ис нывтæ, характеристикæтæ, афыст æмæ историон-тематикон бæрæггæнæн ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл алы згъæрæхцайыл 2013 азæй фæстæмæ.