ЦХИНВАЛ, 29 авг – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Россотрудничествойы минӕварад Хуссар Ирыстоны схорзӕхджын кодта цхинвайлаг скъола-интернаты рауагъдон Бахъаты Гамлеты, кӕцы 2023 азы апрелы ссис Стъалыты диктант "поехали"-йы уӕлахиздзау.
Уырыссаг хӕдзары сӕргълӕууӕг Цхинвалы Сергей Комиссаров радта Бахъаты Гамлетӕн, кӕцы ацы аз сӕрды бацыд ХИПУ-мӕ, космосы историйӕн нывонд чиныг ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвар.
"Ды дӕ хи размӕ кӕныны дӕнцӕг. Уырны мӕ, фидӕны дын кӕй уыдзӕн бирӕ ӕнтыстытӕ", - загъта Комиссаров.
Хорзӕхкӕныны церемони ацыд журнал "Русское слово в Южной Осетии"-йы сæрмагонд рауагъды презентацийы рæстæджы ХИПУ-йы.
Россотрудничество схорзӕхджын кодта Стъалыты диктанты хуссарирыстойнаг уӕлахиздзауы
© Олег Джагаев