Цæгат Иры УУМ фæдзæхсы цæрджыты быдырон бынæтты зынгсивæрстæй тæссагдзинады тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 авг – Sputnik. Цæгат Ирыстоны æнхъæлмæ кæсынц зынгсивæрзттæй иууыл тæссагдæр рæстæгмæ быдырон районты, хъусын кæны РЦИ-Аланийы УУМ пресс-службæ.
Уагдоны банысан кодтой, дыццæджы æмæ æртыццæджы республикæйы быдырон районты развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, гæнæн ис æмæ уа уæлдай тæссагдзинад фæндзæм классы зынгсивæрзттæй.
УУМ фæдзæхсынц цæрджыты, цæмæй æххæст кæной аномалон тæвды рæстæджы зынгсивæрзтты ныхмæ фæтктæ.