Дыууæ ИЛ-76 ссыгъдысты Псковы аэропорты дронты атакæйы фæстæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 авг – Sputnik. Псковы аэропорты ссыгъдысты дыууæ хæдтæхæг ИЛ-76 украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппаратты атакæйы фæстиуæгæн, хъусын кæны Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
"Дыццæджы 23.28 сахатыл æрбацыд хъусинаг æфсæддон-транспортон авиацийы дыууæ хæдтæхæг ИЛ-76 кæй ссыгъдысты Псковы, уый фæдыл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны банысан кодтой, фæстиуджытæ аиуварс кæнынмæ кæй æрбаздахтой техникæйы 21 иуæджы æмæ 65 адæймаджы.