Гаглойты Алан: Беларусы æмæ йæ адæмы хæрзиуæг – Лукашенкойы ахсджиагдæр приоритет

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Беларусы президент Александр Лукашенкойæн йæ райгуырæн боны цытæн, хъусын кæны хуссарирыстойнаг лидеры пресс-службæ.

"Дæ бирæазон паддзахадон архайд, удуæлдай æмæ нысанмæтырнæндзинады тыххæй Дын уæлдай аргъ ис. Дæуæн уæлдæр приоритет – паддзахады æнæрлæугæ социалон-экономикон райрæзт, Республикæ Беларусы æмæ йæ адæмы хæрзиуæг", - дзырдæуы арфæйы ныхасы.

Гаглойты Алан банысан кодта, паддзахадон къухдариуæггæнæджы егъау фæлтæрддзинад дарддæр дæр æххуыс уыдзæн белоруссаг æхсæнады æнгомдзинадæн, фидар кæндзæн Белорусы стабилондзинад æмæ æдасдзинад.
Паддзахады сæргълæууæджы зæрдæ загъта белорусаг лидерæн фидар æнæниздзинад, хорздзинад æмæ æнæфæугæ энерги йæ паддахадон куысты.