Цӕмӕй национ хъайтарты зоной: Цхинвалы ӕвӕрд цӕуынц зынгӕ гоймӕгты хуызисттимӕ баннертӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй иуыл бакодтой егъау баннер национ хъайтар Томайты Мӕхӕмӕты хуызистимӕ. Уый у уӕрӕх нывӕзты иу пункт, фӕстӕдӕр ма Цхинвалы фӕзындзӕн ноджы ӕндӕр национ хъайтарты портреттӕ. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта парламенты депутат Мулдарты Гарри.
"Национ хъайтарты хуызисттӕ столицӕйы куы уой, уӕд сӕ кӕстӕр фӕлтӕр хуыздӕр зондзысты. Уымӕн мах аскъуыддзаг кодтам ахӕм проект саразын. Ис нын стыр фӕндтӕ, фӕлӕ уал ӕввахс рӕстӕджы Цхинвалы ноджы фӕзындзысты Санахъоты Мате ӕмӕ Коцты Бегайы портреттӕ", - загъта депутат.
Томайты Мӕхӕмӕты хуызистимӕ баннер конд ӕрцыд Вокзалгӕрон фӕзуатмӕ хӕстӕг бирӕуӕладзыгон хӕдзарыл