Цхинвалы райдыдта ӕбӕрӕгӕй сӕфт адӕмӕн нывонд сывӕллӕтты ᾿хсӕн турнир шахматтӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы йӕ куыст райдыдта сывӕллӕтты ᾿хсӕн турнир шахматтӕй, кӕцы нывонд у ӕбӕрӕгӕй сӕфт адӕмӕн. Ерысты хайад исынц 25 чысыл шахматисты, уыдон сты шахматты секцитӕм чи цӕуы ӕмӕ ӕбӕрӕгӕй сӕфт адӕмы бинонты зӕнӕг.
Ерыстӕ уадзынц Президенты администраци, Шахматты федераци ӕмӕ Æхсӕнадӕмон сырх дзуары комитеты мисси.

"Турнир дих у дыууӕ къордыл, фыццаджы хъазынц фӕлтӕрд хъазджытӕ, дыккагы та ӕбӕрӕгӕй сӕфт адӕмы зӕнӕг. Президенты администрацийы ӕххуысӕй, турниры бацахсгӕ бынатмӕ нӕкӕсгӕйӕ, алкӕцы саби дӕр райсдзӕн зӕрдылдарӕн лӕвар", - загъта шахматты федерацийы хистӕр Саулохты Георгий.

Турнирӕн хатдзӕгтӕ скӕндзысты боны дыккаг хай.