Цхинвалы сæнусон кодтой номдзыд ирон фыссæг Асаты Реуазы ном

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы дыццæджы бакодтой номдзыд ирон фыссæг Асаты Реуазы номарæн мемориалон фæйнæг, хъусын кæны столицæйы администрацийы пресс-службæ.
Мемориалон фæйнæг бакæныны инициатор уыд Культурæйы министрад Цхинвалы администрацийы æмархайдæй.
Бакæныны церемонимæ æрбацыдысты экс-президенттæ Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид, Цхинвалы администрацийы кусджытæ, поэты чызг Асаты Алла, министрæдтæ æмæ уагдæтты, афтæ ма зонадон интеллигенцийы минæвæрттæ.
Профессор Плиты Гацыр банысан кодта, Асаты Реуазы хуызæн гоймæгтæ кад кæй кæнынц сæ республикæйæн иннæ адæмты æхсæн.
Поэты чызг Асаты Алла бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн йæ фыды ном ссарыны тыххæй.
Цхинвалы сæнусон кодтой номдзыд ирон фыссæг Асаты Реуазы ном