"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 12 сæр

Sputnik
Чидæр дуар æрбахоста. Тома йæм айдагъ мидæггæгты рауад. Къæсæры раз Залиханы куы ауыдта, уæд ма, фырæфсæрмæй, цы акодтаид, уый нал базыдта. Мидæмæ бауайа æмæ йæ дзаумæттæ акæна, уый бон дæр æй нал фæци. Чидæр тагъд кодта Залиханы. Чысыл Сæрмæт Залиханы хъæбысы хæкъуырцæй кæуы. Залихан тыхст æмæ тагъд-тагъдæй загъта:
— Дæ фæдзæхст мын уæд, Тома, — йæхæдæг Сæрмæты бадардта Томамæ. Сæрмæт уый куы базыдта, йæ мадæй хицæн кæны, уæд тынгдæр ныккуыдта æмæ йæ мады тæрттыл ныцъецъелæг.
Тома Сæрмæты куы райста, уæд ын йæ кæуынмæ дæр нал хъуыста æмæ адзырдта Залиханмæ: "Кæдæм цæуыс, чындз?". Залихан ын ницы дзуапп радта. "Цопан та кæм и?" — "Уый дæр мемæ цæуы", — уыдис "Залиханы фæстаг ныхас.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.