Хуссар Ирмæ кусæгон балцы æрцыд Уæрæсейы МХМ делегаци

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) сæргълæууæг Гуыцмæзты Алан æрдзырдта Уæрæсейы МХМ минæвæрттимæ уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмгуыстады фарстытыл, хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
Уæрæсейы МХМ делегаци æрцыд Хуссар Ирыстонмæ кусæгон балцы.
"Дыууæварсон фембæлды рæстæджы æрдзырдтой æхсæнуагдонон æмгуыстады фарстытыл архайды алыхуызон здæхтыты. Уæлдай хъусдард аздæхтой комплекс "Æдас горæт"-ы проблемон фарстытæм", - дзырдæуы хъусинаджы.
Хуссар Ирыстоны МХМ-æн æххуысы тыххæй Гуыцмæзты Алан радта делегацийы цалдæр минæварæн уагдонон хорзæхтæ.
Хуссар Ирыстоны МХМ-æн æххуысы тыххæй Гуыцмæзты Алан радта делегацийы цалдæр минæварæн уагдонон хорзæхтæ.