Цъинагары скъола капиталон æгъдауæй сцалцæг кæндзысты ног ахуырадон азы райдайæнмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 авг – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы уагъд цæуы сгуыхт журналист Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы капиталон цалцæг. Районы администрацийы пресс-секретарь Кокойты Анжелайы ныхæстæм гæсгæ, абоны бонмæ скъолайы сæххæст кодтой нывæстгонд куыстыты æмбис.
Ахуырадон уагдоны цалцæггæнæн куыстытæ ныффыстиад сты финанскæнынадимæ проблемæты тыххæй, фæлæ уый нæ бандавдзæн ахуырадон процессыл, - ахуырдзаутæн рæстæгмæ ратдзысты æндæр кабинеттæ.
"Ленингоры районы Цъинагары хъæуы йæ тæмæны ис скъолайы капиталон цалцæг. Хайгай цалцæг скæндзысты цыппар ахуырадон бæстыхайы. Кабинетты раивдзысты астæрд. Ныртæккæ арæзтадон бригадæ штукатуркæ кæны къултæ æмæ æвæры рудзгуытæ", - радзырдта Кокойты Анжела.
Уый ма бахахх кодта, районы æндæр ахуырадон уагдæтты цалцæггæнæн куыстытæ кæй ауагътой фарон аз, уый фæдыл уыдон цæттæ сты ахуырдзауты райсынмæ.