"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 14 сæр

Sputnik
Алæджы кабинет стыр æмæ райдзаст у. Ноджы йæм уалдзыгон хур йæ цæст ныццавта, æмæ йæ паркет пъол цæхæртæ скалдта. Алæг сыстад æмæ рудзгуытæй иу бакодта. Мидæмæ æрбакалд зæххы комытæф — уалдзыгон уæлдæф. Нырма зæхх миты уæзæй хæрз æрæджы фервæзт, умæл у. Уый хæрздæф цæуы кабинетмæ дæр.
Алæг йæ цæстæнгас ахаста фæзты, къуылдымтыл. Сыджыт сау æмæ хырызæй зыны. Æнхъæлмæ кæсы гутонмæ, тауинагмæ. Нырма зæхх сауæй зыны, нæма йыл фæхæцыд кæрдæг. Фæлæ иу дыууæ боны куы рахуртæ кæна, уæд кæрдæг скæлдзæн, бæстæ та цъæх адардзæн. Хор дæр кæрдæджы хуызæн куы уаид, иу тыд æй бакæн æмæ дын цæрæнбонтæм зайæд!
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.