ЦХИНВАЛ, 4 авг - Sputnik. Сауденджызон флоты хæдтæхджытæ скуынæг кодтой Америкæйы уагъд катертæ Willard Sea Force Украинæйы Гарзджын тыхты (УГТ) десантон къордтимæ, фехъусын кодта къуырисæры Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад.
"2023 азы цыппæрæм сентябры æхсæвы Сау Денджызы цæгаттаг-ныгуылæн хайы Сауденджызон флоты хæдтæхджытæ скуынæг кодтой Америкæйы уагъд цыппар катеры Willard Sea Force Украинæйы Гарзджын тыхты десантон къордтимæ, кæцытæ цыдысты Хъырымы Тарханкут сынæгмæ", - загътой уагдоны.
Раздæр куыд хъусын кодтой, афтæмæй æртыццæджы хæдтæхæг Су-30 скуынæг кодта украинæйаг æфсæддон катер экипажимæ Сау Денджызы Змеиный сакъадахы цур. Уыцы бонты ма уæрæсейаг авиаци скуынæг кодта ноджы дыууæ украинæйаг катеры сакъадахы цур.