Хуссар Иры президент раарфæ кодта Рамзан Кадыровæн Æмбæстагон разыдзинады боны цытæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Цæцæны сæргълæууæг Рамзан Кадыровæн Æмбæстагон разыдзинад æмæ æмиуады боны цытæн, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

"Республикæйы бон у, йæ райгуырæн бæстæйæ, йæ диссаджы æрдз æмæ хъæздыг истори æмæ хæдбындур культурæйæ сæрыстыр чи у, æппæт уыдоны бæрæгбон. Цæцæны республикæ сæмбæлд ацы нысаниуæгджын датæйыл фидар республикæйæ, кæцы аразы йæ адæмæн æмбæлон фидæн", - банысан кодта Гаглойты Алан.

Гаглойты Аланы зæрдæ загъта Рамзан Кадыровæн фидар æнæниздзинад, хордзинад æмæ æнæфæугæ энерги, Цæцæнæн – дарддæры райрæзт æмæ дидинæфтыд, йæ алы цæрæгæн – хорздзинад æмæ царды æнтыстытæ.