Поэт Плиты Сергойæн рацыдис чиныг "Зонады уадындз". Уый у фыссæг Хъазиты Мелитоны куыстытыл афæлгæст. Цавæр уацмыстæ йæм фæкастысты иууыл зæрдæмæдзæугæдæр, цы йæ сразæнгард кодта, куыд æрцыди ахæм хъуыды, цæмæй хицæн кæны æндæр фысджытæй æмæ æндæр бирæ цымыдисон фарстатыл радзырдта æхсæнадон архайæг Sputnik студийы.
"Чиныг гуырахстмæ гæсгæ егъау нæу, фæлæ мæхи хъуыдымæ гæсгæ, мæ бон кæй онг уыд, уый онг æм бавнæлдтон бындуронæй", - загъта ныхасæмбал.
Афтæ ма Плиты Серго банысан кодта, Хъазиты Мелитон æрмæст прозæ нæ, фæлæ ма драматургийы дæр æнтысджынæй бакуыста, ныффыста Хетæгкаты Къостайы поэмæ "Фатимæ"-мæ гæсгæ æмдзæвгæтæй пьесæ.
Æхсæнадон архайæджы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы ахуыры уавæр у хъуыдыйаг. Фæсивæд, уæлдайдæр лæппутæ, ахуыры фæстæ фылдæр нымæцæй цæуынц барадхъахъхæнæг органтæ, кæнæ та сæ ных саразынц æфсæддон фадыгмæ.
Бæстондæрæй ныхасмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.