Фыццаджы-иу йæ зæрдыл цы æрбалæууы, уый — Агуындæ. "Цæмæннæуал æрцыд? Æвæццæгæн æй исчи федта ардыгæй цæугæ æмæ йæ сардыдта Сауийыл?" Цы маст ын скодтаид уый тыххæй Сауи, уый йæ цæстытыл уайы.
Намæ Хъазбег? Æцæг, уый, чизоны, горæты уыдзæн. Ныр уый институты ахуыр кæны. Уымæй Агуындæмæ ницы маст æрхаудзæн. Хъазбег куыд фыдахин æмæ куыд фыдзæрдæ у, ахæм сæ хъæубæсты иунæг адæймаг дæр нæй. Адæймагæн æй исты хорздзинад бафæнда, уый нæ уырны Сæрмæты.
"Уæдæ Агуындæ кæмæй фæци? Уымæн йæ бон у, æмæ дæ йæ мидбылхудтæй дæр рæвдауа, хъарм дæ кæна. Æнахуыр адæймаг у".
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.