ЦХИНВАЛ, 7 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ставкъах фосæн рабæрæг кодтой инфекцион низ – бруцеллез, инфекци гæнæн ис рахиза рынчын фосæй адæймагмæ, фехъусын кодта республикæйы хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл парламентон комитеты рабадтыл, хъусын кæны парламенты пресс-службæ.
Рабадтыл дзырд цыд республикæйы районты куырдиæттæм гæсгæ фарстытыл.
Министр куыд банысан кодта, афтæмæй ацы низтæ-иу фæзындысты раздæр дæр, фæлæ сæ нæ бæрæг кодтой, уымæн æмæ фадат нæ уыд уадзын æнæмæнгхъæугæ иртæстытæ. 2017 азы арæзт æрцыд службæ "Госсельхознадзор – карантин", кæцыйы фæлгæтты кусы ветеринарон лаборатори.
"2017 азæй райдайгæйæ мах аразæм алцыдæр, цæмæй лаборатори куса æххæст гуырахстæй. Лаборатори иу азы дæргъы ауадзы 10 мин иртæсты бæрц, уыдон сбæрæг кæнынц ахæм низтæ, куыд: бруцеллез, лейкоз, туберкулез фосæн. Ныртæккæ лабораторийы кусджыты арвыстой курсытæм, кæцыты уыдон сахуыр кодтой иртæстыты ног методтæ", - загъта Мæргъиты Алан.
Уый ма банысан кодта, ивгъуыд азты республикæмæ фос ластой æнæхъусдардæй, нæ сæм уыд æмбæлон справкæтæ æмæ гаранти нæ дæттой æмбæстæгты æдасдзинадæн.
Депутат Плиты Александр бахахх кодта, ахæм инфекцион низтæ сбæрæг кæныны рæстæджы æмбæлон органтæ кæй хъуамæ фехъусын кæной уый тыххæй республикæйы æмбæстæгтæн.