Хуссар Иры республикæ расидыны боны цытæн ралæудзысты горæт Ульяновскы кафджытæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 сен - Sputnik. Цхинвалы ацæудзæн Ульяновскы паддзахадон ансамбль "Волга"-йы концерт. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы культурæйы министрады пресс-службæ.
Концерт ацæудзæн Хуссар Ирыстон æмæ Ульяновскы областы министрадты бадзырдты фæлгæтты.
"Концерт ацæудзæн Хуссар Ирыстон республикæ æрфидар кæныныл 33 азы сæххæсты цытæн", - бахахх кодтой министрады.
Ансамбль ралæудзæн Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры сценæйыл 18 сентябры изæры æхсæз сахатыл.