Уæрæсейаг æфсæдтæ фехстой УГТ ротацийы рæстæджы Работинойы æмæ скуынæг кодтой 100 хæстоны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 сен - Sputnik. Уæрæсейаг Гарзджын тыхтæ егъау цæф фæкодтой украинæйаг æфсæдты, кæцытæ ротаци кодтой Вербовое æмæ Работинойы цур, фехъусын кодта йæ Telegram-каналы Запорожаг областы губернаторы хæстæ æххæстгæнæг Евгений Балицкий.
"Ивгъуыд æхсæв ныхмæлæууæг уагъта ротаци йæ дæлхайæдтæн цæрæн пункттæ Вербовое æмæ Работинойы районты. Не ‘фсæдтæ егъау цæф фæкодтой знаджы. Уыцы æхсæв знаг фесæфта 100 бæрц æфсæддоны", - банысан кодта Балицкий.
Афтæ ма ныхмæлæууæг фесæфта йæ техникæйæ дæр: куынæггонд æрцыдысты фараст сармадзаны, дыууæ минæтæхсæны, дыууæ танчы æмæ æртæ æнæпилоотон тæхæг аппараты.