"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 19 сæр

Sputnik
Æндæр рæтты куыд у, уый Сауи нæ зоны, фæлæ октябыры мæй Саргъаугомы удисæн у. Халсар æмæ зайæгойтæ сæ дзыхтæ ныххæлиу кæнынц гонтæ æмæ хæдзæрттæм. Лæгыл авд къухы æмæ авд къахы куы базайа, уæддæр фаг не сты фæззыгон куыстытæ бакæнынæн.
Сауийы та æнæхъæн колхозы хъуыддæгтæ аразын хъæуы. Иу куыст нæма фæвæййы, афтæ иннæ йæ хæдуæлвæд æрбалæууы. Нырма нæ фæци нартхор тынд, цæхæра къахт, хостæ ласт, — найкæнинаг дæр ма йын ис.
Стæй ацы галуан! йæ систæ, мард бæхы стæгдарау, ныхъхъилтæ сты æмæ йæ уындæй адæймаджы цæстытæ къахы. Нырма йæ цар дæр нывæзт нæма фæци. Афтæмæй дзы иу лæг бынсæфт кодта. Кæд æрцæудзæн агъуыст?
Бонтæ та кæрæдзийы фæдыл афтæ тагъд уайынц, цыма сæ дугъы исчи суры.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.