Агуындæ цардыл сагъæс кæна, уый сæр æй нырма ницæмæн хъæуы, фæлæ йæ Сæрмæты уавæртæ бафтыдтой мæт æмæ сарыл. Хъазбег институты ахуыр кæны, Сæрмæт та колхозы кусы. Хъазбегмæ ахæм æвзыгъддзинад йæ цæрæнбонты дæр никуы æрцæудзæн.
"Хъæубæстыл ног æвзæгтæ базад. Чи Томайы æфхæры, зæгъгæ, уый аххосæй æрцыд Сæрмæтыл ацы хабар. Чи та бабайы азымджын кæны. Уый, дам, йæ хъал калы, æмæ дзы сидзæр лæппу та сæфгæ кодта. Æмæ цынæ дзурынц адæм. Ацу æмæ сын ды ныллæу рæстæвзарæг! Иу хъуыддаг уый у, æмæ Сæрмæт тæригъæд у.
Хорз у, æмæ уæддæр йæ къах саст нæу. Фæлæ йын цы хуызæн байгас уыдзæн, уый чи зоны! Сæрмæтæн йæхи загъдау, къуылыхæй дæр цæрдзæн. Искæмæй цауддæр нæ уыдзæн!"
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.