Хуссар Иры арæнхъахъхъæнджытæ августы æрурæдтой 50 фылдæр фæткхалæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны арæнхъахъхъæнждытæ августы æрурæдтой 51 арæнхалæджы, хъусын кæны республикæйы Паддзахадон æдасдзинады Комитеты пресс-службæ.

"РХИ паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæ хъусын кæны, 2023 азы августы паддзахадон арæнты алыхуызон бынæтты æрурæдтой 51 арæнæвæрдон фадыджы закъоны фæткхалæджы, уыдонæй 19 фехæлдтой паддзахадон арæны режим æмæ 32 – арæнгæрон режим", - дзырдæуы хъусинаджы.

ПÆК Арæнгæрон службæйы равзæрстыты фæстиуæгæн, 31 фæткхалæджы фæивар кодтой иумæйаг суммæ 29,5 мин сомы, дыууæйы феддæ дуар кодтой республикæйæ, 18 адæймаджы та фæдзæхсгæ бакодтой, банысан кодтой ПÆК.
Уагдоны бафтыдтой, дыууæ адæймаджы фæдыл басгæрст дарддæр кæй цæуы.