Хуссар Иры командӕ боксӕй стох кӕндзӕн Минводты турниры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕмбырдгонд боксӕй стох кӕндзӕн Минводты гом турниры. Къорды сконды ис хицӕн кары 15 боксеры, фехъусын кодта Sputnik боксы тренер Дзигойты Ацамаз.
Хуссар Ирыстоны боксертӕ æрвылазон турниры хайад исынц ӕдзух.

"Турниры ис цыппар кары категорийы, ӕмӕ дзы алкӕцыйы дӕр тох кӕндзысты нӕ минӕвӕрттӕ. Мах кӕнӕм 15 лӕппуйы Цхинвалы ӕппӕт секцитӕй", - бафтыдта уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, къорд ныццӕудзӕн ерыстӕм 14 сентябры.
Къордӕн ӕрыстӕм ацӕуынӕн баххуыс кодта президент Гаглойты Алан, транспорт сын рахицӕн кодта спорт ӕмӕ фӕсивӕды политикӕйы комитет.