ЦХИНВАЛ, 12 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстон нывæнды дарддæр дæр Дагъистанимæ æмгуыстад райрæзын кæнын æмæ хæларадон ахастытæ фидар кæнын, банысан кодта президент Гаглойты Алан йæ арфæйы ныхасы республикæйы сæргълæууæг Сергей Меликовæн йæ гуырæнбоны цытæн.
"Æнтысджын куыстæй уæлдæр паддзахадон бынаты ды сарæзтай дæхицæн кадджын ном æмæ ахаст дæ æмбæстæгтæй куыд дардмæуынæг паддзахадон архайæг, кæцы йæ тых радта Республикæ Дагъистаны социалон-экономикон райрæзт æмæ йæ интерестæ бахъахъхъæныны тыххæй, - бахахх кодта Гаглойты Алан.
Паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæйы бафтыдтой, президенты зæрдæ кæй загъта меликовæн фидар æнæниздзинад æмч дарддæры æнтыстытæ дагъистайнаг адæмы хорзæхæн.