Хуссар Ирыстоны боксертæ стох кӕндзысты Æппӕтуӕрӕсейон ерыстæ "Юность России"-йы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕртӕ иууыл цӕттӕдӕр боксеры стох кӕндзысты егъау ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты "Юность России", фехъусын кодта Sputnik Боксы скъолайы директоры хӕдивӕг Кокойты Ирбег.
"Юность России" у Уӕрӕсейы календарон нывӕзты ерыстӕй иу, кӕцыйы руаджы ӕвзӕрст цӕуынц фӕсивӕд Уӕрӕсейы фыццагадмӕ.
"14-15 азы иууыл цӕттӕдӕр боксертӕ стох кӕндзысты Цӕгат Ирыстоны командӕйӕн сконды. Турнирмӕ сӕхи рӕвдз кӕнынц Боксы скъолайы хъомылгӕнинаг Гуыцмӕзты Тамерлан, стӕй ма Спорты галуан "Олимп"-ы минӕвӕрттӕ Багаты Арсен ӕмӕ Цхуырбаты Дауыт", - загъта Кокойты Ирбег.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ранымайгӕ фӕсивӕд иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ расгуыхтысты егъау турнирты.
Юность России" цӕудзӕн станица Суворовскаяйы Ставрополы бæстæйы. Ерыстӕ райдайдзысты хуыцаубоны.