Хуссар Ирыстоны Знауыры районы ссардтой фесæфтуæвæг цæрæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ссардтой Знауыры районы фесæфтуæвæг цæрæджы хъусын кæны республикæйы УУМ пресс-службæ.
"Нæлгоймаджы фесæфыны тыххæй информаци УУМ радгæсон службæмæ фехъусын кодтой къуырисæры изæры", - банысан кодтой уагдонады.
Ацæргæ нæлгоймаджы ссардтой дыццæджы изæры æнæ зианбаййафгæйæ Абанойы хъæуы районы. Уæлвæткон уавæрты уагдонады банысан кодтой нæлгоймаг йæхи кæй хаты хорз, медицинон æххуысс æй нæ бахъуыд.