Цхинвалы сӕрвдз кодтой карджын адӕмӕн баххуыс кӕнынӕн хӕрзаудӕн акци

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы срӕвдз кодтой хӕрзаудӕн акци "Твори добро", кӕцыйы руаджы иницатортӕ фиддзысты карджын адӕмӕн сӕ хӕстӕ афтиагты. Уый тыххӕй Sputnik радзырдты акцийы инициатор, волонтер Манэ Агаджанян.
Акци райдыдта дыццӕджы, 12 сентябры.
"Сабиты дарӕсы дукани "Ляля"-йы сæвӕрдтам асыкк, уым ӕмбырд цӕудзысты фӕрӕзтӕ. Стӕй ма базарадон объект йӕ ӕрвылбонон ӕфтиагӕй дыууӕ проценты дӕтдзӕн хӕрзаудӕн акцийӕн", - загъта акцийы аразæг.
Уый ма бафтыдта, мӕй иу хатт зилдзысты афтиагтыл ӕмӕ фиддзысты карджын адӕмы хӕстӕ.
Манэ Агаджанянӕн уый йӕ фыццаг акци нӕу, ивугъуыд аз блогер Губиаты Зӕринӕ ӕмӕ ӕнахъомты фӕдыл инспекцийы сæргълæууæг, булкъон Гататы Лалиимӕ иумӕ сарӕзтой хӕрзаудӕн мадзал "Собери ребенка школу" , стӕй ма ӕххуысхъуаг бинонтӕн самал кодтой хæлцады тыхтонтӕ Ног азмӕ.