Цхинвалы самайдзысты ног сабидон 160 бынатимæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 сен – Sputnik. Микрорайон ЦАРЗ Цхинвалы 2025 азы фæзындзæн ног сабидон 160 бынатиæ, уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы социалон программæты националон фонд.

"Дыууæуæладзыгон сабидон самайдзысты ног 75-фатерон хæдзæртты цур. Ног сабидон уыдзæн нырыккон домæнтæм гæсгæ арæзт æмæ аскъуыдздзаг кæндзæн сабитæн бынæттæ сифтонг кæныны проблемæ. Агъуысты мидæг кусдзысты дыууæ лифты, уæлдай хъусдард кæмæ хъæуы, ахæм сабитæн", - банысангонд æрцыд хъусинаджы.

Объект арæзт цæуы Инвестпрограммæйы арæнæвæрды æмæ сæххæст уыдзæн 2025 азы.